НУАЗÆНÆЙ ЦЫТЛÆВÆРДЫ ÆГЪДАУ Рагзамантæй нырмæ ирон адæм цы дзаумæттæй пайда кæнынц, уыдонæй иууыл табуйагдæр æмæ тæмæссагдартæй иу у ритуалон Нуазæн / Уацамонгæйы къус. Йæ фæд нæм цæуы суанг рагон замантæй. Суанг ма Нарты дзырддзæугæ хъайтартæ нуазæн дардтой: куывдтæ кæнынæн, кадджын уазджытæ хынцынæн, ритуалон хъӕзтытӕ аразынæн, быцæутæ халынæн æмæ тӕрхоны рæстæг рæстдзинад иртасынæн. Нæ дзы уыд …






